Смотреть на Youtube

1996 азы Дзæуджыхъæуы фæзынд фыццаг наукон институт. Стыр æргом дзы здæхтой геофизикæмæ. Фыццаг азты йæ авналæнтæ уæрæх нæ уыдысты. Фæлæ 2003 азы институт сси Уæрæсейы наукæты академийы хайад. Аспирантурæ дæр дзы байгом кодтой. Институты рауагъдонтæй 9 систы наукæйы доктортæ. Се `хсæн Æлборты Иван, Бериты Олег, Владимир Голик, Магкоты Тамерлан æмæ иннæтæ. Æдæппæтæй та дзы кусы 60 адæймагæй фылдæр. Уыдонæй 20 сты æрыгæттæ. Фæлæ наукон институты сæргълæууæг Владислав Заалишвили куыд зæгъы, афтæмæй иууылдæр сты суинаг ахуыргæндтæ. Гæнæн ис, æмæ фидæны уыдоны фæрцы наукæ размæ ныфсджын къахдзæф акæндзæн. Ныртæккæ уал кусынц алыхуызон проекттыл. Рамбылдтой æхцатæ æмæ дзы балхæдтой хъæугæ кусæнгæрзтæ, компьютертæ.

«Махæн нæ сæйраг хæс у нæ алыварс цы сейсмикон тæссагдзинæдтæ ис,уыдонæй адæмы бахъахъхъæнын. Мах институты къухы бафтыд скæнын картæтæ.Фæбæрæг дзы кодтам зæххынкъуыстытæ,зæйтæ рацæуынæй,вулканы скалдæй тас кæм у,ахæм бынæттæ. Нæ куыстæн стыр аргъ кæнынц æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ. Мах фæрцы цæттæ вæййынц æрдзы æнæнхъæлæджы уавæртæм», – Владислав Заалишвили.

Æнтысджынæй æмгуыст кæнынц Цæгат Кавказы æмæ Уæрæсейы регионтимæ. Уымæй уæлдай ма кусынц фæсарæйнаг бæстæтимæ дæр – Сомих, Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Астæуккаг Азиимæ. Наукон институты кусджытæн сæ фылдæр сты Хæххон-металлургон институты рауагъдонтæ.

«Ныртæккæ нæ хайады иртасæм доны бын дæттæ куыд ивынц,уый.Донгуырæнтæй æрымбырд кодтам хъæугæ æрмæг. Сæрмагонд программæмæ сæ баппæрстам. неыр нæ бон уыдзæн хæрзхъæддзинад куыд ивы, уымæ нæ цæст дарын. Программæйы æххуыссæй нæ бон уыдзæн алыхуызон фыдбылызтæй хи бахъахъхъæнын», – Дзеранты Барис.